реклама
Бургер менюБургер меню

Коста Хетагуров – Ирон фæндыр (страница 3)

18
Уыцы рæстæджы!.. Ныр дæу чи хæссы, Уый йæ лæджыхъæд Мемæ бавзарæд, Кæд хуыздæр у, уæд! Йе – йæ топпæй хъазт, Йе – йæ бæхыл бадт, Йе – йæ кæсгон кафт, Йе – йæ цæгъдгæ зард!. Дæу сырх дарийæ Хорз æсфæлыста! Дæу сызгъæрин рон Нарæг балвæста!.. Риуы 'гънæджытæ Хъазынц стъалытау… Уæд дæ хæрдгæхыуд, Уæд дæ алы 'гъдау!… Фесæф, фесæф, цард, Сау лæппуимæ, Тагъд дæлдзæх фæу Ме 'намондимæ! Калмау мын мæ риу Судзгæ баууылдта Маст – зæрдæхалæн, — Йæ тых басæтга!

Зонын

Зонын, æфсæрмæй кæудзыстут, Бавæрдзыстут мын мæмард, «Рухсаг у, рухсаг, – зæгъдзыстут, Ницæмæн уал уыд дæ цард!» Зонын, æргæвддзыстут исты, — Мардыл ма чи дары ком? — Алчи æфсæстæй мæ хисты Ссардзæн арахъхъæй мæ ном. Иу бон æгъгъæд у мысынæн, Иу бон кæндзыстут мæ дзырд, Уый фæстæ ферох уыдзынæн, — Ничи уал зондзæн мæ цырт.

Тæхуды

Тæхудиаг, буц хъæбулæй Йæ уалдзæджы царды хурæй Чи бафсæст йæ мады хъæбысы! Тæхуды, æрæгвæззæджы, Хъæлдзæгæй æнкъард рæстæджы Йæ рагуалдзæг хорзæн чи мысы! Тæхуды, йæ фыды зæххыл, Йæ уарзон æмгарты рæгъыл Кæмæн хъуысы дардмæ йæ зарæг! Тæхуды, йæ гутонимæ, Хæрзифтонг бæхуæрдонимæ Йæ бинонтæн чи у сæ дарæг! Тæхуды, йæ дзыллæйы раз Чи ракæны барджын ныхас, Кæй фæрсынц, кæй равзарынц зондæй! Тæхуды, йæ уарзондзинад, Йæ хорз ном, йæ фыдæлты кад, Чи уадзы уæлæуыл зæрондæй!..

Хæрзбон!

Ифтонг хызынæй, лæдзæгæй, æрчъитæй, Скодтон уæрдæхæй дзыхъыннæуæг рон, Ис ма цыдæртæ мæ кæрцы фæдджитæй… Дард у мæ фæндаг… Зæгъын дын: хæрзбон!.. Рагæй мын «ацу» дæ цæстæнгас дзуры, Рагæй дæ кодтон мæ уындæй тæрсын; Зонын, дæ зæрдæ куыд ризы мæ цуры,