реклама
Бургер менюБургер меню

Коста Хетагуров – Ирон фæндыр (страница 4)

18
Хъусын ныр дæр ма йæ сусæг хъæрзын… Гъеныр хæрзбон, мæ хур!.. Нал мæ уындзынæ, Дардмæ дæ хæддзуйы мацæуыл дом! Райсом мæ цæстæнгас ферох кæндзынæ, Ферох кæндзынæ иннæбон мæ ном… Чи зоны, искуы æрыфта дæ зæрдыл Иунæджы сагъæс, мæгуыры бæллын, — Чи зоны, искуы куы уайа дæ цæстыл — Уазал æхсæвы фæндагыл мæлын, — Ма иу фæтæрс, чызгай! Ахæм фыдфынтæ Дардæй дын амонд хæсдзысты уæддæр, — Исчи та исы йæхимæ дæ рынтæ, Исчи дын хъары нывондæн йæ сæр… Хонын æмбалæн нæ фыдбылыз мемæ, — Тагъддæр мæ балцæн йæ фæстаг кæрон Уый «фæндарастæй» кæд ссарин æз йемæ.. Ма фæфæсмон кæ!.. Хæрзбон у, хæрзбон!..

Мæгуыры зарæг

Адæмæн сæ рæсугъд уæттæ Хъармæй, райдзастæй лæууынц, Махæн та нæ сывæллæттæ Уазал лæгæты кæуынц… Адæмæн сæ чындзхонты хъазт Хæхтæ, къæдзæхтæ хæссы, Махæн та нæ гæдыйы уаст Мардыл кæуæгау хъуысы… Адæмæн сæ цæхджын фыдтæ Царæй фæныкмæ тæдзынц, Махмæ та хæлынбыттыртæ Цары ахсдæттæ кæнынц… Адæмæн сæ фæззæджы куыст Не 'ссы афæдзмæ куырой, Махæн та нæ афæдзы мызд — 'Гасæй иу хоры кæфой!..

Мæгуыры зардæ

Зымæг нæ хæхты цух нæ уадзы, — Лæджы æмбæрц æруары мит; Æфцæгæй коммæ уад дзыназы; Их доныл саразы йæ хид. Æхсæвæн нæм кæрон нæ вæййы… Тæхудиаг кæм нæ у сæрд! Сæнар кæмæ нæй, уый ныссæйы, — Цырагъ нæм чи судзы фæсхæрд?!. Нæй кад мæгуыр лæгæн йæ куыстæн, — Йæ сихор, йе хсæвæр – йæ мæт; Иæ уат – ыскъæт, зыгуым – йæ лыстæн, Хъæбæр – йæ цъæх хуыссæн нымæт… Кæд рухс нæ баййафы йæ цардæй, Йæ бон кæд арвиты зынтæй, — Уæддæр нæ ныххуыссы æнкъардæй — Йæ зæрдæ хъал вæййы фынтæй.

А-лол-лай!

Къух дæ ауызын фæразы… Мæй дæ авдæнимæ хъазы.    Стыр лæг мын ысуай!..     А-лол-лай!.. Ракæндзынæн дын мæ зарæг… Искуы кæд ысуис мæ дарæг,    Урс уæрыкк дын уон!..     О, мæ бон!.. Зындонæй фыддæр нæ цæрæн… Нал у ныр дæ фыд йæ сæрæн    Сау хæххон куыстæй…     Ахуысс, цæй!.. Искуы мын куы схъомыл уаис,