реклама
Бургер менюБургер меню

Коста Хетагуров – Ирон фæндыр (страница 2)

18
Мæ фыды зæронд, — Дæ зæрдæмæ ма хæсс Мæ зæрдæйы конд!..

Гъæй, джиди!

 Бирæ фæлмæн тынтæ зæрдæ нывæнды, —    Бар ма йын радт!.. Бирæ цыдæртæ мæгуыры фæфæнды    Иуæй-иу хатт. – Гъæй, джиди, – афтæ фæзæгъы йæхицæн, —    Искуы æздæр Адæмы фарнæй куы скæнин мæхицæн    Кад æмæ сæр! Тарфдæр мæ зæрдæ йæхимæ куы хæссид    Искæй зынад, Дунейы хæрзтæй хуыздæр мæм куы кæсид    Уарзондзинад!..

Азар!

 Æз дæ зарынмæ куы хъусын, Уæд хъæлдзæгдæрæй фæкусын,    О, мæ хуры хай, —    Азар-ма, чызгай!.. Мах бар нал æсты нæ сæртæ… Азар, цалынмæ дæ зæрдæ    Не ссау фырмæстæй,    Адæмы мæтæй!.. Адæмæн зæхх у сæ дарæг… Азар!.. Ракæ мыл-иу хъарæг, —    «О, мæ бон, – иу зæгъ, —    Байстой нын нæ зæхх!..» Нал дæ бахъæудзæн ныр рувын.. Азар!.. Сахуыр мæ кæ кувын!..    Ма фæлидз тæргай,    О, мæхурыхай!..

Фесæф!

Фесæф, фесæф, цард, Сау лæппуимæ, Тагъд дæлдзæх фæу Ме 'намондимæ! — Калмау мын мæ риу Судзгæ баууыддта Маст – зæрдæхалæн, Йæ тых басæтта! Афæлывта мæ Сауæрфыг рæсугъд… О, мæ худинаг, О, мæгуыр мæ уд!.. Дзырд Хуыцауы раз Радта иннæмæн, — Къухæй нал ласы Ныр йæ къухдарæн… Гъей, чызгай, цæмæн Афæлывтай мæн?!. Цæй, дæ Хуыцау дын Уæд тæрхонгæнæг!.. Даргъ хæххон зымæг, Уалдзыгон бонау, Ныр æрымысын. Æз, фынфенæгау… Кæд кæрæдзийы Фаг нæ рæвдыдтам? Кæд кæрæдзийæн Фаг нæ фæдзырдтам Уарзон ныхæстæ, Цард æнхъæлæджы?!.. Гъей, цы хъал уыддæн