реклама
Бургер менюБургер меню

Коста Хетагуров – Ирон фæндыр (страница 8)

18
Буц хъæбул дæм дзуры, — Сфæлмæцыд йæ мад, — Махæн дæр дæ цуры Сцæттæ кæ бынат!» Цæстысыг ызгъæлы Агмæ сусæгæй… Митæйдзаг æхсæлы Мары фæздæгæй… Бафæллад кæуынæй Бинонты кæстæр, — Къонайыл æрфынæй Адæмы хуыздæр! Иууылдæр дæ адыл Тулдзысты, фæлæу! — Стонг æмæ фæлладыл Тых хуыссæг кæм нæу!.. – О. гытци кæд уыдзæн? Райс-ма, цæй, дæ аг!.. – Абадут!.. Фæуыдзæн Алкæй дæр йæ фаг… Аг кæлы йæ былтæй, — «Хъæдуртæ» фыцынц… Алы ран тымбылтæй Сидзæртæ хуыссынц… Стонг æмæ кæуынæй Лæг куы сфæлмæцы, Тарф у уæд йæ фынæй, — Маст æм нал хъуысы. Лыстæнмæ цæ хаста Мад йæ хъæбулты, Æдæрсгæ цæ нуæрста Алы бызгъуырты… Скодта цæ рæбынæй, Дæлфæдтæм æрбадт… Гъай-да-гъа! Кæуынæй Нал æфсæст сæ мад!.. Сидзæртæн хъæдуртæ Се 'хсæвæр хуыдта, Афтæмæй цын дуртæ Цуайнаджы фыхта: Афыцын æфсоны Байрох уа сæ хæрд… Стонг æмгъуыд нæ зоны, Иу сайд ын æгъгъæд!..

Хъуыбады

Сæрдæй, зымæгæй, Гуыбыр, тызмæгæй, Йæ кæрцы мидæг, Ныхасы бады Зæронд Хъуыбады, Нæ фæндырдзæгъдæг… Кæйдæр дзæгъæлзад, Лæппуйæ баззад Йæ сау бындурыл… Кæдæм-иу бафтыд, Уым-иу фæкафыд Кæрдзыны мурыл… Бæгънæг, бæгъæввад, Ыстонг, уысмæн над Хуыцауы рæстæй! Цъыфæй ныррæсыд, — Хæфсытæ уасыд Йæ къахы скъуыдтæй… Бын бауай, иунæг, Дзыллæтæй иу лæг