реклама
Бургер менюБургер меню

Коста Хетагуров – Ирон фæндыр (страница 7)

18
Кадмæ бæлгæйæ æгадæй мæлæм… Адæмы фарнæй къæдзæх дæр ныннæры, — Гъе, мардзæ, исчи! – бынтон сæфт кæнæм!

Катай

Мæ хæлар, мæ уарзон, æнæзонгæ уарзон! Цы номæй дæм бадзурон, уый ма мын зæгъ?.. Мæ зæрдыл дæ дарын цы ныфсæй фæразон, Мæ райгуырæн бæстæ, мæ фыдæлты зæхх? Мæ райгуырæн бæстæ! Дæ айнæг къæдзæхæй, Дæ фидар, фæлтæрд риуæй хъусын хъæрзын… Мæ хæлар, мæ уарзон! Дæлзæххæй, уæлзæххæй, Кæмдæриддæр дæ, – тагъд мæ хъæрмæ фæзын!.. Хъæр мæрдтæм дæр хъуысы, – куы бамбæхсай барæй, Уæд усы кæрдæны мыггагмæ фæхæт!.. Мæ мæгуыр Ирыстон! Æрцæуæг æлдарæй, Тыхгæнæг хæддзуйæ дæ ма уæд, ма, мæт? Тыхгæнæг хæддзумæ кæд искуы фæндонæй, Æууæнккагæй радтай, рæстæнхъæл, дæ бар?.. Мæ хæлар, мæ уарзон! Ныммæл мын фæсмонæй, Ды искуы хæддзуйæ куы скæнай æлдар!..

Сидзæргæс

Халон баргъæвст сындзыл. Уад тымыгъ хæссы… Сау айнæджы рындзыл Нарыхъæу хуыссы… Даргъ æхсæв фыдбонæй Цардудæн хуыздæр… Рухс цæуы кæронæй, — Бадынц ма кæмдæр… Иу зæронд ыскъæты, — 'Гас хъæуы уæлдай, Аззади фæсфæды Ацы бæстыхай, — Ма дис кæ йæ бадтыл! — Цуайнаджы уæлхъус Архайы йæ артыл Иу саударæг ус. Артдзæсты кæрæтты, Фæныкмæ æнгом Бадынц сывæллæттæ, — Чи бæгънæг, чи гом… Уазал æмæ стонгæй Бирæгъ дæр тæрсы, — Удхæссæг æввонгæй Ахæмты хæссы… – Ма кæут, мæ хуртæ, — Дзуры цæм сæ мад, — Афыцой хъæдуртæ… Абадут æнцад!.. Митæйдзаг æхсæлы Мары фæздæгæй… Цæстысыг ызгъæлы Агмæ сусæгæй… Хъуырмæ схæддзæ хъарæг: «Дудгæ фæбада Зæйы бын нæ дарæг, Мах чи фæсайдта!.. Фондзæй уæ ныууагъта Иу ныййарæгæн, — Мады зæрдæ скъахта, — Царæфтыд фæдæн!.. Зондæй мыл фæтых дæ, О, мæ лæджы хай, — Сидзæртæй фæлыгътæ Ингæнмæ тæргай!..